АВДÆН

АВДÆН

 
Дзырд авдæн дæр арæзт у нымæцон авдæй, ома, авд сывæллонæн. Авд сывæллоны бæрц кæмæн уыд нæ фыдæлтæй, уыдон нымад уыдысты æххæст бинонтыл. Æвдæм сывæллоныл та арæх æвæрдтой (уæлдайдæр та дыгурмæ) ном Авдан-Æвдæм. Нæ фыдæлты тыххæй хъæуа-нæ хъæуа йе 'нæразыдзинад чи æвдисы, уый нæдæр истори зоны, нæдæр абоны цард. Уайдзæфы аккаг дзы сты, Китайæ райдай æмæ Испанийæ фæу. уыцы даргъ æмæ уæрæх тыгъд быдырты паддзахæдты дзы цæргæйæ чи баззад, хатт искæй хуымы цыргъ æхсырфæй, афтæмæй йе 'взаг æмæ йæхи дæр чи фесæфта, йæ фыдæл-тыл, сæ диныл гадзрахатæй чи рацыд, уыдон. Махæн не 'цæг фыдæлтæ сты Кавказы хæхты цъассыты дыууæ 'рдыгæй цæргæйæ цыфæнды зынæй дæр ирон адæмы се 'взаг, се 'гъдæуттæ æмæ фарнимæ чи бахъахъхъæдта, уыдон. Задалескаг Нанайы хуызæн Дадатæ, Нанатæ, Бабатæ æмæ Дзыццатæ. Уыдонæн дæр, æвæццæгæн, фадат уыд сæхи уацары радтын, кæмæдæр æххуырсты бацæуын æмæ йын, йæ уæрдоны бадгæйæ, йæ зарæг зарын. Фæлæ уыдон уый сæ сæрмæ не 'рхастой! «Кæнæ сæрибар, кæнæ – мæлæт!» – уыд сæ фидар фæнд. Æмæ дзы чи мæлæт ссардта, чи та историйы даргъ æмæ фæлмæвæрд фæндагыл адарддæр кодта йæ адæмы гуырдз. Царды цыд æгъатыр у, Балсæджы цалхæй уæлдай нæу. Йæ развæды ссæнды алцыдæр – æнцонæй кæуыл, цæуыл атула, æппæт уыдоны. Уыцы уавæр нæ фыдæлтæ – тохты æхсыст фыдæлтæ – хорз æмбæрстой, сæ удæй йæ æнкъардтой æмæ лæмæгъ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæхи хæхты уазæг бакодтой, къæдзæхтæй æфтыд айнæг дуртæй фидæрттæ, мæсгуытæ æмæ галуантæ арæзтой. О, фæлæ афтæ кæдмæ хъуамæ цардаиккой хохаг зынвадаты. Зыдтой, ам, хæхбæсты сын фидæн кæй нæй. Быдыры та тыхы сæр хъуыд. Æмæ сæм цæмæй ахæм тых сæвзæрдаид, уый тыххæй фæкарздæр кодтой кæстæрты хъомылад. Адæм цæмæй цот фылдæр кодтаиккой, уый тыххæй хистæртæ сфидар кодтой æнæфыст æгъдау. «Алы бинонтæн дæр авд сывæллонæй къаддæр хъуамæ ма уа!» Æмæ авдæн ног мæйы хуызæн дыууæ æрдæг цалхыл ирон хæдзары къонайы фарсмæ йæ фарны бынат æрцахста. Ирон адæммæ сывæллон сси хæдзары æлдар, зæды къалиу. Сæ хуыздæр хæринаг, сæ хуыздæр зарджытæ æмæ бæллицтæ систы йемæ баст. Авдæн та – табуйаг. Фæсвæд ран авæрын, афтидæй йæ аузын нæ фæтчыд, – хæйрæджытæй, дæлимонтæй йæ хызтой. Йæ куыст-иу куы бакодта, уæд-иу æй хорз ныссыгъдæг кодтой, дзæбæх-иу æй батыхтой æмæ йæ цары бæрæг ран æфснайдтой. Фæлæ дзы бирæ рæстæг нæ фæстиат кодта. Уайтагъд та-иу хæдзары æфсины – Нанайы æртæ чъирийы кæнын бахъуыд. Æристой-иу æй царæй нымдгæнгæ, арфæтимæ, æмæ та дзы ноггуырд – зæды хуызæн чысыл саби йæ гæккитæ хæстон лæгау адаргъ кодта, æмæ райхъуыст йæ дыгъал-дыгъул – цардыл цин, нæ ирон адæмы æнхъæлцауы уынæр. Афтæмæй ирон авдæн кодта йæ арфæйаг куыст, фылдæрæй-фылдæр кæстæртæ æфтыдта ирон адæмы нымæцыл æмæ нæ абоны бæрц скодта. Ирыстоны уыд ахæм авдæнтæ, иу хæдзары æртæ-цыппар фæлтæры йæ къахыл чи ауайын кодта. Ома, фыды фыды фыд цы авдæны хуыссыд, уым бастой йæ хъæбулы хъæбулы хъæбулы. Ирыстоны зындгонд уыдысты зырнæйзылд авдæнтæ аразджытæ. Йæ къух-иу кæмæн фæхорз, уый конд авдæнтæ æлхæнынмæ цыдысты дард хъæутæ æмæ кæмттæй дæр. Авдæны фæрцы мад уыцы-иу рæстæг кодта йæ хæдзары зылдтытæ æмæ ма суанг быдыры куыстытæ дæр. Царды фæрæз афтæ амыдта, нæ фаг кодтой кусæг къухтæ, æмæ цалынмæ сывæллон авдæны баст уыд, уæдмæ мады æвдæлд бинонтæм хæдзары куыстытæм фæкæсынмæ. Иу рæстæджы дохтыртæ расидтысты тох ирон авдæны ныхмæ, авдæны бастæй, дам, сывæллоны уæнгтæ парахатæй нæ рæзынц, сыппайæ йæ къæхтæ зылын кæнынц. Ахæм зондамонджытæн бæргæ дзырдтой, уæдæ Хъаныхъуаты Бола, Хъантемыраты Алыбег, Плиты Иссæ æмæ ма бирæ иннæтæ «чысылтæй» уымæн баззадысты! Æвæццæгæн, æмæ царды сфæлтæрд æгъдау, фæтк æмæ хъуыддагæй фидардæр ницы ис зæххыл, æндæр йæ иунæг сывæллоны авдæны чи нæ бабаста, æмæ ныр тæнтъихæгæй нозтыл, наркотиктыл кæмæн бафтыд, уый дзы цы рамбылдта? Ницы! Æгæр сæрибар уæгъдибармæ цæуы. Уæгъдибар цард та хъæддаг сырдтæ дæр нæ кæнынц. Авдæн ирон адæмæн бирæ хæрзты бацыд. Бирæ бинонтæн ауызта æвдгай нæ, фæлæ суанг ссæдзгай сабитæй дæр фылдæр. Куыдзойты Барис «Рæстдзинад»-ы йæ иу уацы фыста Цопанты Хъыбызоны тыххæй. Уымæн Уæллаг комы Къæмунты цæргæйæ йæ цардæмбал Афæхъоимæ райгуырд 22 сывæллоны – аст чызджы æмæ цыппæрдæс лæппуйы. Уый фæстæ ма йæ цотыл бафтыд сомихаг сидзæр лæппу Аршак. Йæ хистæр фырт æй хæсты фæстæ йемæ скодта Стъараполæй. Иууылдæр сæ бахъомыл кодта кад æмæ радимæ. Хъыбызонæн Цопанты мыггаг æхсызгонæй мысынц йæ ном, кады аккаг у æнæхъæн Ирыстонæн дæр. Ахæмтæ сты нацийы Мадæлтæ, ирон адæмы Нанатæ. Æмæ, цот кæнын фæнд чи нæ кæны, æрмæст иу кæнæ дыууæ чи рауагъта, уыдон сæ куыд бафæзмой, уыцы арфæ сыл æрцæуæд. Алы хæдзарæй дæр нæ ирон авдæны узыны гуыртт-гуыртт куыд хъуыса, ахæм амонд уæд ирон адæмы. Алы ирон хæдзары авдæны дæр авд хатты авд фæлтæры авд-авды хæрзхъæд сабийы Ирыстонæн куыд бахъомыл уа, ахæм нациирвæзынгæнæг арфæ нын Стыр Хуыцауы цæст бауарзæд! кæс «АРВЫ ДУАР»-Ы СÆРГÆНДТÆ


 Комментарии к статье (0)      Версия для печати