www.iriston.com
 
Æппæт дунейы ирæттæ - зонут уе 'взаг!
  Словари на IRISTON.COM
Пособие для желающих знать осетинский язык.
 

Словари

Дигорско-русский словарь. Составитель Таказов Ф.М., к.ф.н.: Около 30000 слов. г. Владикавказ, Издательство «Алания», 2003. – 734 с. (реально 23 111 статей)

Осетинско-русский словарь под редакцией А.М.Касаева, Редактор издания Гуриев Т.А.: Около 28000 слов. 4-е издание. г.Владикавказ, Изд-во Северо-Осетинского института гуманитарных исследований, 1993. – 384 с. (реально 23 014 статей)

Составил В.И. Абаев. Редактор издания М.И. Исаев: Около 25000 слов. Издание второе, исправленное и дополненное. г. Москва, Изд-во «Советская энциклопедия», 1970. – 584 с. (реально 25 227 статьи)

Использованы материалы из книг: Осетинские обычаи. Составитель Гастан Агнаев. Рецензенты Камал Ходов, Геор Чеджемты. – Владикавказ, «Урсдон», 1999 – 172 с.;
Ирон æгъдæуттæ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн. Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. – Дзæуджыхъæу, «Урсдон», 1999 – 176 с.;
Этнография и мифология осетин. Краткий словарь. Составили Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. – Владикавказ, 1994 – 284 с. ( 1 072 статьи)

Фразеологический словарь осетинского языка. Составил Дзабиты З. Т. Редактор издания Дзиццойты Ю. А.: 2-е дополненное издание. г. Цхинвал, Полиграфическое производственное объединение РЮО, 2003. – 448 с. (5 241 статя)

Осетинский орфографический словарь, около 58 тысяч слов. Научно-популярное издание. Составители: Н. К. Багаев, Х. А. Таказов. Издательство «Алания», – Владикавказ, 2002 г. — 688 с. (реально 49 770 статей)

Составил: Гацалова Л.Б. Книга издана в авторской редакции. Северо-Осетинский институт гуманитарных и социальных исследований – Владикавказ: РИО СОИГСИ, 2007. — 140 с. (527 статей)

Сарæзтой Мамсыраты Озкан Темурленк æмæ Мамсыраты Озканы чызг Ирмæ Темурленк. Ныртæккæ дзы ис 5609 уацхъуыды. Куыст ма йыл цæуы. Осетинско-Турецкий словарь. Составили Мамсыраты Озкан Темурленк и Мамсыраты Ирма Темурленк. В настоящее время содержит 5609 статей. В стадии разработки.


Статьи Словари
Здравствуйте, Гость.
  Введите слово для поиска и выберите раздел
    открывать статьи в одном окне

| 1 | 2 | 3 | 4 |
  По Вашему запросу найдено 397 слов(a). Уточните, пожалуйста, запрос.

 ДÆХИОНÆЙ ДÆ БОН ХОРЗ  
Кæмæндæр йæхи сæрмагонд дзаума кæнæ æндæр исты чидæр нал дæтты. ... Подробнее...
 ДАМ АЦÆУЫН  
Искæуыл æфхæрæн ныхæстæ ахæлиу кæнын. ... Подробнее...
 ДАРÆГ, УРОМÆГ УÆВЫН  
Искæмæн йæ царды стыр æххуыс уæвын ... Подробнее...
 ДАРГЪ ÆВЗАГ  
Ныхасмæ йæхи чи нæ уромы, æгæр бирæ чи дзуры, адæмы кæрæдзийыл чи ардауы, ахæм адæймаг.
Длинный язык.
Long (loose) tongue. ... Подробнее...
 ДАРД АЦÆУЫН  
Монцты фæдыл ацæугæйæ, æхсæнады истгонд уагахасты нормæтæ ферох кæнын, уыдоны сæрты ахизын, æмæ цы арæзтæуа, уый нал хъуыды кæнын.
Далеко ... Подробнее...
 ДАРД НÆ АЦÆУЫН  
Кæмæндæр цыдæр аразын нæ бантысдзæн ... Подробнее...
 ДАРДДÆР АЦУ  
Æвдисы, кæмæндæр кæйдæр ныхæстæ æхсызгон не сты, нæ йæ фæнды, уымæ хъусын ... Подробнее...
 ДАРДМÆ УЫНЫН  
Сомбон цы уыдзæн уый зонын, сомбоныл хъуыды кæнын
Видеть далеко; далеко смотреть; далекий прицел.
To look farther ahead. ... Подробнее...
 ДАРДМÆ ЦÆУЫН НÆ ХЪÆУЫН  
Цыдæр хъуыддаг у æнцон бæрæггæнæн, æнцон саразæн
Недалеко ходить. ... Подробнее...
 ДАРДЫЛ НÆ  
Цы зæгъынмæ хъавдæуы, уый цыбыртæй зæгъын ... Подробнее...
 ДАРДЫЛ НЫХÆСТÆ КÆНЫН  
Комкоммæ хъуыддагыл нæ, фæлæ æндæр истæуылты дзурын
Говорить вокруг да около
To beat about the bush. ... Подробнее...
 ДЕ 'ФСÆРТÆЙ ДУР ФЕУУИЛ  
Æлгъыст. Чидæр дзæгъæлы бирæ дзуры ... Подробнее...
 ДЕ ЗНАГ ДÆР АФТÆ  
Кæуылдæр стыр зиан æрцыд ... Подробнее...
 ДЕ СТДЖЫТÆ АМ БАЗЗАЙДЗЫСТЫ  
Чидæр кæмæдæр марынмæ бартхъирæн кодта ... Подробнее...
 ДЕГÆР ФÆКАЛ  
Æвдисы, чидæр кæйдæр архайдæй райгонд нæу. Фæзæгъынц æй уайдзæфы хуызы ... Подробнее...
 ДЕНДЖЫЗ УÆРАГМÆ УЫН  
Æппындæр никæмæй кæнæ ницæмæй тæрсын, никæй хъуыды кæнын, никæй нымайын.
Море по колено.
Devil-may-care attitude; he doesn't give a damn. ... Подробнее...
 ДЖЫЗÆЛЫ ГАУАРДА  
Æвдисы, куыд фæндыйы ахаст истæмæ кæнæ искæмæ
На все плевать; пропади все пропадом!
Not give a damn about anything. ... Подробнее...
 ДЖЫЗÆЛЫ НИКУЫ УЫДТÆ  
Исты хъуыддагмæ æнæмæты ахаст дарын ... Подробнее...
 ДЗÆБÆХ КЪÆРЦЦ СÆМБÆЛЫН  
Зындзинад бавзарын ... Подробнее...
 ДЗÆБÆХ КЪАХ  
Фæзæгъынц хорз æмбæлæгæй ... Подробнее...
 ДЗÆБÆХТÆ БАДÆТТЫН  
Тынг фæнæмын
Фæхыл кæнын, фелгъитын ... Подробнее...
 ДЗÆГЪÆЛ АЙК  
Дзæгъæлы чи рацу-бацу кæны, ахæм адæймаг ... Подробнее...
 ДЗÆГЪÆЛ АЙК ФÆУЫН  
Кæдæм цæуын хъуыд, уырдæм нæ, фæлæ æндæр кæдæмдæр бацæуын ... Подробнее...
 ДЗÆГЪÆЛ КУЫДЗ  
Раст фæндагæй чи фæиппæрд, æнæпайда хъеллау чи кæны, ахæм адæймаг. ... Подробнее...
 ДЗÆГЪÆЛ КЪАХ  
Хæтгæ чи кæны, ахæм адæймаг
Дзæгъæлы рацу-бацу чи уарзы, ахæм адæймаг ... Подробнее...
 ДЗÆГЪÆЛЫ ФÆРТ-ФÆРТ КÆНЫН  
Æнæхъуаджы дзурын, æнæпайда ныхас кæнын ... Подробнее...
 ДЗÆКЪУЛ ÆККОЙÆ НÆ ХИЗЫН  
Цæрæнбонты мæгуырæй цæрын ... Подробнее...
 ДЗÆКЪУЛЫ ДЗАГ ХАБÆРТТÆ ХÆССЫН  
Бирæ ног, æнæфехъусгæ хабæрттæ дзурын ... Подробнее...
 ДЗÆКЪУЛЫ ХÆСГÆЙÆ ДÆР НЕ ССÆУЫН  
Кæдæмдæр нæ бацæуын, ныфс нæ хæссын, къах нæ бавæрын ... Подробнее...
 ДЗÆМБЫ ÆРÆВÆРЫН  
Искæй фæллой хи бакæнын ... Подробнее...
 ДЗÆМБЫТЫ БЫН УÆВЫН  
Æххæстæй искæй дæлбариуæг уæвын
Под лапой. ... Подробнее...
 ДЗÆНГÆДА ЦÆГЪДЫН  
Дзæгъæлы дзурын ... Подробнее...
 ДЗÆХСТ ФÆЦÆУЫН  
Искуыдæм тагъд ацæуын, искуы æвиппайды февзæрын ... Подробнее...
 ДЗАДЖДЖЫНТЫЛ ЗИЛЫН  
Хицæн хуыздæртæ хæссын, æвæрын ... Подробнее...
 ДЗАУЫ ДИАНБЕГ КУЫ БАДТ, УЫЙ НЫХÆСТÆ КÆНЫН  
Хъуыддагæн æххуыс чи нæу, ахæм ныхæстæ дзурын; æнæпайдайæ рагон хъуыддæгтыл дзурын ... Подробнее...
 ДЗУАКА ЗДУХЫН  
Искæй физикон æгъдауæй бафхæрын ... Подробнее...
 ДЗУАППÆН ДЗУАПП ДÆТТЫН  
Чи цы хуызæн ахаст равдиса, ахæм хуызæнæй йæм хи æвдисын
Давать сдачи. ... Подробнее...
 ДЗУАРЫ БАДÆНЫ ХУЫЗÆН УЫН  
Рæсугъд бынат, зæрдæвæндон ран уын ... Подробнее...
 ДЗУАРЫ ЛÆГ  
Кувæндоны, дзуары хуылфы чи фæкувы, уый ... Подробнее...
 ДЗУАРЫ ХУЫЗÆН ЛÆГ УЫН  
Æгъдауджын, сабыр, хæларзæрдæ уын ... Подробнее...
 ДЗУАРЫ ХУЫЛФМÆ ЦÆУЫН  
Кæмæндæр уырнын кæнын, раст кæй у, уый; искæмæн рæстдзинад уырнын кæнын ... Подробнее...
 ДЗУЛ ЛÆВÆРД НÆ ФÆУЫН  
Хæс кæронмæ нæ фæуын, не сæххæст кæнын ... Подробнее...
 ДЗУРДЖЫТÆ ЙЫЛ ИС  
Кæцыдæр сылгоймаджы æмкъайæн агуырдæуы ... Подробнее...
 ДЗУРЫН ÆНЦОН У  
Æвдисы, цыдæр вазыгджын фарст зын аскъуыдздзаггæнæн кæй у
Легко сказать. ... Подробнее...
 ДЗУРЫН ЫЛ НÆ ХЪÆУЫ  
Алцы дæр у бæрæг, ницы дзы ис дызæрдыггаг. Æвдисы бæлвырддзинад ... Подробнее...
 ДЗУРЫНМÆ ФÆКЪÆРТТ УЫН  
Дзурын сфæразын, сæрибарæй хъуыдытæ зæгъын ... Подробнее...
 ДЗЫГУЫРЫ ФÆТЫХСЫН  
Исты хъуыддаджы нал сарæхсын, цы саразын хъæуы, уый нал зонын ... Подробнее...
 ДЗЫККУТÆ ТОНЫН  
Истæуыл тынг фæсмон кæнын ... Подробнее...
 ДЗЫНГАЙÆ ПЫЛ АРАЗЫН  
Исты чысыл хъуыддаг стыр кæнын
Делать из мухи слона.
To make a mountain out of a molehill. ... Подробнее...
 ДЗЫПП ДЗАГ КÆНЫН  
Хи хъæздыг кæнын
Набивать карманы. ... Подробнее...
 ДЗЫПП НÆ АМОНЫН  
Кæмæндæр цыдæр æлхæнын зынаргъ лæууы, нæй йæм уый æлхæныны фаг æхца кæнæ æндæр исты
Не по карману. ... Подробнее...
 ДЗЫППЫ ÆВÆРЫН  
Исты хи бакæнын, давын ... Подробнее...
 ДЗЫППЫ БЫРЫН  
Давын; искæй куыст, фæллой давын
Лезть в карман. ... Подробнее...
 ДЗЫППЫ ДУРТÆ НЫВÆРЫН  
Æнæмбаргæ уын, дымгæ сæр уын ... Подробнее...
 ДЗЫППЫТÆ ДЫМСЫН  
Искæй фæллойæ хи хъæздыг кæнын; давын ... Подробнее...
 ДЗЫППЫТÆ НÆМЫН  
Искæй исæй хицæн фæллой кæнын, æхца æмбырд кæнын, хи хъæздыг кæнын.
Набивать карманы. ... Подробнее...
 ДЗЫППЫТЫ ДЫМГÆ ЗИЛЫН  
Æнæ æхца уын
Ветер свистит по карманам. ... Подробнее...
 ДЗЫППЫТЫ МЫСТЫТÆ ХЪАЗЫНЦ  
Чидæр бынтондæр у æнæ æхца
Ветер свистит в карманах. ... Подробнее...
 ДЗЫРД ÆППАРÆН КÆНЫН  
Æмбæлон цауæй, уавæрæй, рæстæгæй пайда кæнгæйæ, искæмæн исты дзырд зæгъын хорз кæнæ хылы нысанæн
Закидывать слово. ... Подробнее...
 ДЗЫРД ÆРХÆССЫН  
Ныхас кæныны рæстæджы цыдæр цау зæрдыл æрлæууын кæнын ... Подробнее...
 ДЗЫРД ÆХХÆСТ КÆНЫН  
Цы загъдæуа, ныфс цæмæй бавæрдæуа, уый саразын
Держать слово. ... Подробнее...
 ДЗЫРД АГУРЫН НÆ ХЪÆУЫН  
Дзырдарæхст уæвын
За словом в карман не лезет. ... Подробнее...
 ДЗЫРД БАДЫН  
Кæрæдзи æмбарын ... Подробнее...
 ДЗЫРД БАРОН УЫН  
Схуыст ныхасмæ хи уромын ... Подробнее...
 ДЗЫРД ДÆР ЫЛ НÆ УЫН  
Æнæмæнгæй; цыдæр саразынæн кæнæ истæуыл дызæрдыг кæнынæн ницы бындур уын
Слов нет. ... Подробнее...
 ДЗЫРД ДÆТТЫН  
Исты саразыны тыххæй фидарæй ныфс æвæрын
Давать слово. ... Подробнее...
 ДЗЫРД ДАРДЫЛ УЫН  
Кæйдæр кæнæ цæйдæр тыххæй лæмбынæг радзурын ... Подробнее...
 ДЗЫРД ДЗЫРД У  
Цы зæгъай, баныфс æвæрай, уый хъуамæ æххæст кæнай ... Подробнее...
 ДЗЫРД ДЗЫРДЫ КЪАХЫ  
Иу хъуыддагыл дзургæйæ æндæр цыдæр хъуыддæгтæ, хабæрттæ зæрдыл æрлæууын æмæ раргом кæнын ... Подробнее...
 ДЗЫРД ДЗЫХÆЙ НÆ ХАУЫН  
Æппындæр ницы дзурын ... Подробнее...
 ДЗЫРД ИСЫН  
Исты саразыны тыххæй искæмæй зæрдæвæрд исын
Взять слово с кого-л.
Кæйдæр цы зæгъын фæндыд, уый дарддæр кæнын, дзурын ... Подробнее...
 ДЗЫРД КÆРÆДЗИЙЫЛ НÆ БАДЫН  
Иу хъуыдымæ нæ цæуын ... Подробнее...
 ДЗЫРД КЪАХЫН  
Искæмæ сабыр, лæгъз, сайæн æвзагæй дзурын исты æмбæхст хъуыды базоныны тыххæй ... Подробнее...
 ДЗЫРД НÆ САЙЫН  
Цы загъдæуа, баныфсæвæрдуа, уый æххæст кæнын
Сдержать слово. ... Подробнее...
 ДЗЫРД НÆ СИРВÆЗЫН  
Ницы сдзурын, дзæгъæл ныхас нæ зæгъын ... Подробнее...
 ДЗЫРД НÆ ХАУЫН  
Ницы дзурын ... Подробнее...
 ДЗЫРД НИЦЫ КÆРДЫН  
Æбæркад, зондджын ныхас нæ кæнын, æнæуазгæ ныхас кæнын ... Подробнее...
 ДЗЫРД РАХÆС-БАХÆС КÆНЫН  
Кæрæдзийыл ардауын ... Подробнее...
 ДЗЫРД САЙЫН  
Цы ныфс æвæрдæуа, уый нæ саразын
Не сдержать слово. ... Подробнее...
 ДЗЫРД СИРВÆЗЫН  
Æнæнхъæлæджы исты зæгъын ... Подробнее...
 ДЗЫРД УÆЛÆМÆ НÆ УАДЗЫН  
Хи дзырд кæнын, искæмæ æппындæр нæ хъусын, искæй ныхасæн нæ аргъ кæнын ... Подробнее...
 ДЗЫРД ФÆСТÆМÆ ИСЫН  
Цы загъдæуа кæнæ баныфсæвæрдæуа, ууыл радæуын, мауал сразы уын, «нæ» зæгъын
Брать слово обратно. ... Подробнее...
 ДЗЫРД ХÆССЫН  
Кæйдæр ныхæстæ искæмæн дзурын, ардауæн ныхас кæнын, нымудзын
Стучать (доносить). ... Подробнее...
 ДЗЫРД ХЪУЫРЫ БАДЫН  
Дзурын нæ фæразын (фырцинæй, мæстæй). ... Подробнее...
 ДЗЫРДÆН АРГЪ КÆНЫН  
Искæй ныхасæн кад кæнын
Ценить слово. ... Подробнее...
 ДЗЫРДТÆ ÆППАРЫН  
Бæрндзинад æнæ 'нкъаргæйæ истытæ дзурын
Бросаться словами. ... Подробнее...
 ДЗЫРДТÆ АГУРЫН НÆ ХЪÆУЫН  
Дзырдарæхст уæвын
За словом в карман не полезет. ... Подробнее...
 ДЗЫРДТÆ БАБÆТТЫН НÆ ЗОНЫН  
Хъуыдытæ раст зæгъын, нæ фæразын, дзырдарæхст нæ уæвын
Не уметь связать слова. ... Подробнее...
 ДЗЫРДТÆ ЛÆХУРЫН  
Дзæгъæлы æнæрынцайгæйæ дзурын ... Подробнее...
 ДЗЫРДТÆ ЛАСЫН  
Искæй тыхæй дзурын кæнын
Вытягивать слово. ... Подробнее...
 ДЗЫРДЫ БÆРЦ  
Тынг тагъд; уысммæ ... Подробнее...
 ДЗЫРДЫ БАР ИСЫН  
Хи фæндонмæ гæсгæ искуы (æмбырды, фынгыл æ а.д.) ныхасы рацæуын.
Брать слово. ... Подробнее...
| 1 | 2 | 3 | 4 |